Абон Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Гӕбӕраты Вадимӕн
Абон Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Гӕбӕраты Вадимӕн. Уый знаджы къухӕй фӕмард Сæрмагонд хӕстон операцийы йӕ æфсæддон службæ ӕххӕстгӕнгӕйӕ. Зианмæ æрбацыд Президент Гаглойты Алан хицауады бæрнон кусджытимӕ. Вадимы, йӕ цыбыр цардмæ ӕнæкæсгæйæ, бахъуыды кодтой æфсармджын æмæ хъæбатыр адæймагæй. Президенты барамындмæ гæсгæ æфсæддоны йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы" майданæй. Сайт ГТРК «Ир» - http://gtrkir.ru/
/ 272567203851483 / @ГТРКИр