G
enby!

Хойрæгты промышленность, фыды бынат бинонты ‘хсæн æмæ аразгæ зонды тыххæй

Æвæццæгæн, бæллиццаг рæстæг уаид, дуканиты æрмæст пайдахæссæг товартæ куы уæй кæниккой, уæд. Ацы хуыцаубоны нæ бæстæйы сбæрæг кæндзысты хойрæгты промышленносты кусджыты бон. Нæ республикæйы æппæт товартæй фылдæр уарзынц æхсыры продукттæ. Æмæ уый тыххæй "Йæ рæстæгыл" дзурæм урсаджы куыстыл. Ацы аз Уæрæсейы цыппæрæм хатт сбæрæг кæндзысты Фыды Бон. Нысангонд æрцыд нæ бæстæйы Президенты уынаффæмæ гæсгæ 2021-æм азы, æмæ йæ нысан у, бинонты ахадындзинад фæхъомысджындæр кæнын, цоты хъомылады фыд цы стыр бынат ахсы, уымæ фаг æргом аздахын. Цы бынат уыдис фыдæн раздæр æмæ абон? Ууыл дзурæм нæ уазæджытимæ. Аразгæ зондæй, иуæй тæрсгæ кæнæм, иннæмæй дзы фылдæрæй-фылдæр пайда кæнæм. Æхсызгондзинæдтæ дæр хæссы. Зæгъæм, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бонмæ Бæгъиаты Уырызмæг цард бауагъта фыссæджы фæлгонцы. Ног технологийæ спайдагæнгæйæ дзы рауад видео. Ууыл æмæ, æмткæй, аразгæ зондыл "Йæ рæстæгыл" æрныхас кодтам авторимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv    / irystontv   zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv

Смотрите также