Гуыцмæзты Инал - О, чызгай (осетинская песня)
Ой, чызгай, рæсугъд чызгай, ой, Колхозон чызг, рæсугъд чызгай, ой. Зараг дымгæ, Нæртон фæззæг, ой, Зад мæнæу дзы ныффæйлауы, ой. Ерыс куысты цæрдæг-цæрдæг, ой, Махæн чызгай нæ фæллайы, ой. Урс дæллаг хъуыр, къæлæт æрфыг, ой, Сахъ лæппуйы зæрдæйы зынг, ой. Ой, чызгай, рæсугъд чызгай, ой, Цардамонд уа дæ уды хай, ой.