Индира Тедеева. Про Марата Габанова
Курдиатджын фæндырдзæгъдæг æмæ зарæггæнæг Габанты Марат йæ размæ хуымæтæг хæстæ не ‘вæры. Йæ бæллицтæ баст сты Европæйы хуыздæр оперон театртимæ. Лæппуйы мадыл кæддæр сæвæрдтой ном Таисия, зæгъгæ, кæд уымæй дæр УФ-йы сгуыхт артисткæ Тогойты Таисияйы хуызæн зарæггæнæг рауаид. Фæлæ хъысмæты афтæ бафæндыд æмæ зарæггæнæг ссис йæ фырт — Габанты Марат.