G
enby!

Агкаты Мурат I Уидӕгты ирдгӕ

Адӕймаг цас карджындӕр кӕны, уыйас арӕхдӕр афӕлгӕсы йӕ цардвӕндагыл. Цард та дидинӕгджын лӕгъз быдыр нӕу, бирӕ фӕзилӕнтӕ дзы вæййы. Агкайы-фырты йӕ уӕззау хъысмӕт йӕ дӕргъвӕтин царды кӕд уӕгъд не суагъта, уӕддӕр ныффӕрӕзта йӕ бирӕ зынтӕн. Йӕ чиныг «Тудджынты бӕстӕ»-йы Мурат адӕмы размӕ рахаста нуарджын хъӕздыг ӕвзагӕй фыст рагон таурӕгътӕ, радзырдтӕ ӕмӕ йӕ бирӕ мысинӕгтӕ, царды ауӕдзтыл йӕхи хуызӕн дӕллаг галӕй чи фӕцыд, уыцы фæллойуарзаг ӕмӕ зӕхкусӕг адӕмы хъысмӕты тыххӕй. Йæхæдæг цытæ бавзæрста, уыдон йæ зæрдæ никæмæн зæгъы. Уый та рæстуд æмæ цардæй фæлтæрд адæймаджы миниуæг фæхонынц... Выпуск от: 04.09.2025 _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv    / irystontv   zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv

Смотрите также