"Аланты Ныхас"-ы сылгоймӕгты комитет
«Цард æппæты фыццаг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны уынгæг æмæ фæлмæн зарæг, фæндыры æмбæхст миддуне, нæлгоймаджы кадавар цæссыгтæ, хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы фæйнæрдæм тонгæ хъуырдухæн». Ацы зæрдæмæдзæугæ ныхæстæ кæддæр Цæгæраты Максим ныффыста. Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы архайджытæ дæр фыссæгимæ æмзонд сты. Тынг хорз æмбарынц, сылгоймагæн царды цы стыр ахадындзинад ис, уый. Уымæ гæсгæ æхсæнады дæр сарæзтой сылгоймæгты комитет. Цас æнтыстджын у сæ архайд, уый та базондзыстæм нæ радон равдыст «Бæрнон ныхас»-æй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv / irystontv zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv