Юлия Ревенко I Не 'взаг - сæ хæзна
Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, адæймаг кæй æвзагыл фæдзуры æмæ фæхъуыды кæны, уыдонмæ зæрдæйæ æввахсдæр вæййы. Юлия Ревенко дæр тугæй у уырыссаг, удыхъæдæй та – ирон. Йæ цот сты Дзуццатæй æмæ сæ хъомыл кæны ирон æгъдаумæ гæсгæ. «Искуы уырыссаг уæздандзинад фехъуыстат? «Ирон уæздандзинад» фæзæгъынц æмæ кæддæриддæр уæ зæрдыл уый дарут», - арæх сын фæдзуры сæ мад Юля. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv / irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv