G
enby!

Фидараты Таймураз | Цы сусæг кæныс

А-изæр уæ базонгæ кæндзыстæм æрыгон политикон æмæ æхсæнадон архайæг Фидараты Таймуразимæ. Республикæйы йæ бирæтæ зонынц. Цымæ йæхицæн ахæм фæндаг цæмæн равзæрста? Зын у æви нæ? Йæ цин æмæ мæт цы сты? 00:00 программæйы сæр 00:20 разныхас 00:50 уазæг æрбацыд 01:23 æргом уæвын хорз у æви нæ? 01:40 йæхицæн ахæм цардвæндаг цæмæн равзæрста 03:30 ахуыры рæстæг политикæмæ йæ цæстæнгас аивта æви нæ? 04:30 политикон архайæг уæвгæйæ, æнæзæрдæхудтæй кусæн ис? Цæвæр зындзинæдтæ дзы ис? 06:40 сæйрагдæр цы у (хи пайда æмæ адæм)? 07:42 фæсивæды хицæуттæй кусын цæмæн фæнды? 10:50 миграцимæ цæстæнгас 13:30 фæсивæды миниуджытæ 14:50 Таймуразы миниуджытæ 16:00 ныры кæстæртæ ирондзинадыл æнувыд сты? 17:22 хистæр-кæстæрты ‘хсæн ахастдзинæдтæ. Фынджы нысаниуæг... 19:36 Таймуразæн дæнцæг чи у? 21:50 Ныййарджытæй цы рахаста 23:00 йæ зæрдæ йæхиуыл цæуыл æрхудти 26:28 йæхи сывæллæтты æмæ бинонты тыххæй 28:07 сывæллоны (лæппуйы) хъомыл кæнын зын у? 29:17 сывæллæтты хъомылады тыххæй 31:05 æрыгон фыды хъуыдытæ, йæ цотæн цы зон амоны 31:39 чызг æви лæппу? 32:44 Таймуразы бæллицтæй цы сæххæст? 33:32 лæмæгъдзинады тыххæй, йæ зæрдæ цæмæй фæриссы? 34:55 «мады зæрдæ зонаг у» 35:45 царды йын æххуысгæнджытæ чи сты? Адæймаг цæмæй хистæр кæны? 37:15 амонд цы у? 38:35 ныры бæллицтæ 39:41 йæхицæн йæ зæрдæ цы зæгъы? 40:24 цæуыл фæсмон кæны? 41:20 дæгъæл – лæварæн 42:45 кæронбæттæн ныхас _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv    / irystontv   zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv

Смотрите также