G
enby!

Хъантемыраты Эльбрус. Дæ изæр хорз, Ирыстон!

Ноябры нæ республикæйы Национ музейы байгом, æмбал кæмæн нæй, уыцы ирон нывгæнджытæй иу Дзанайты Азанбеджы куыстыты равдыст. Чи йæ сарæзта, уыдон æй бабастой аивады дæсныйы райгуырды сæдæ азы бонимæ. 1919-æм азы, 14 майы Ирыстоныл æрцыд стыр хорзæх – Дунескæнæг Дзанайты мыггагæн балæвар кодта суинаг лæппуйы. Уый рахъомыл, ралæг, æмæ кад æрхаста канд йæ фыдыуæзæгæн нæ, фæлæ æгас бæстæйæн. Уымæн ын нымайæм йæ ном, уымæн нын зынаргъ у йæ алы `рмдзæф æмæ йæ алы куыст дæр. Цæвиттон, ардыгæй райсоммæ куы фæдзурæм Дзанайты Азанбеджы тыххæй, уæддæр Ирыстоны бирæ ис, йе сфæлдыстад ын иттæг хорз чи зоны, ахæм адæймæгтæ. Æмæ дзы а-изæр иу у нæ уазæг. Табуафси, уæдæ! Чи йæ нæ зоны, уый йыл æхсызгонæй сæмбæлæд, чи йæ зоны, уыдон та йыл зæрдиагæй бацин кæнæнт. Хъантемыраты Эльбрус, Национ музейы экспозицион хайады сæргълæууæг у нæ уазæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv    / irystontv   twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Смотрите также